Китай
Китайы ном иероглифтæй фыст
Китай (китайагау 中国 [джунго] «астæуккаг паддзахад» — рагон китайæгты уырныд, Китай дунейы астæу кæй у, уый) у егъау азиаг паддзахад. Цæрынц дзы 1,3 миллиард адæймагæй фылдæр, уымæй у дунейы, тæккæ фылдæр адæм кæм и, ахæм паддзахад. Китайы сæйраг сахар у Пекин.
Китайы официалон ном 1949-æм азæй у Китайаг Адæмон Республикæ. Ис дзы æрмæст иу политикон парти — Китайы коммунистон парти.
|